Премьер-министры къухдариуæгæй архайæг æхсæнуагдонон координацион советы уынаффæйæ, муниципалон транспорт кусдзæн сабат-хуыцаубон дæр.
Тобæты этапгай аивды планы фæлгæтты, кæцы премьер-министр Ираклий Гъарибашвили координацион своеты абоны рабадты фæстæ лæуæрд брифингыл бавдыста, горæтты æхсæн транспорт скусдзæн райсомæй 25 февралæй.
«Бæлццæттæн архайæг регуляциты тыххæй куы зæгъæм, йæ тыхы баззайдзæнис маскæимæ змæлды уаг. Муниципалон транспорты тобæ уыдзæн хъармгæнæн-уазалгæнæн системæты куыст», – захта премьер.
Абоны брифингыл премьер-министр куыд загъта, афтæмæй, зæгъгæ архайæг регуляциты сыххæст карз контрол цæудзæн.