Мобилон аппликацийæ æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн фæндагон фæтксасты сфиксир кæнын
Мобилон аппликацийæ  æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн  фæндагон фæтксасты  сфиксир кæнын

Мобилон аппликацийæ  æмбæстæгтæн   фæндаджы  фæтксасты  сфиксир кæнын уыдзæн  сæ бон.   Æмбæлон  инициативæйы рацыд мидхъуыддæгты министрад, фæлæ  йæ  скусын кæныны  æмгъуыд нырма бæрæг нæу.

Абон парламенты  фæндагон æдадсзинады  темæйы фæдыл уагъд фембæлдыл куыд загъдæуыд афтæмæй,   æмбæстæгтæм  уыдзæн фадат   фæтксасты  æвдисæг  видеоæрмæг  автоматон режимы  арвитын.  Уый фæстæ та   МХМ  æмбæлон реагирдзинад равдисдзæн.

Инициативæйы скусын кæнынæн хъæудзæн  закъондæттæн ивдтытæ дæр.   Уыйимæ,  æмбæстæгтæм,  кæцытæ  фæтксасты æвдисæг  æрмæджытæ  айсдзысты,  æнхъæлцау,  нæ уыдзысты хæсджын тæрхондоны  æвдисæны  статусæй рацæуын.