Барадхъахъхъæнджытæ мониторингы фæстиуæгæн фæстаг 24 сахаты мидæг, æппæт бæстæйы масштабæй уæлрадон уавæры режимы æмæ а.х. коменданты сахаты арæнвæрдтæ састы 706 ног факт рабæрæг кодтой.
МХМ-ы пресс-куысты информацийæ, уагдоны кусджытæ, фыццаг апрелы 21:00 сахатæй 2 апрелы сæумæрайсомы -6:00 сахаты онг, а.х. коменданты сахаты халыны фактыл æппæт бæстæйы масштабæй 204 æмбæстагы фæивар кодтой.
Уымæй уæлдай ма, МХМ-ы хъусинагæй, пъæлицæй æхсæнадон тыгъдады æртæйæ фылдæр гоймагы æмбырды æмæ дыууæ метры бæрц дистани кæй нæ хъахъхъæдтой уый тыххæй 75 æмбæстагы фæивар кодта.
Иу физикъон гоймаг æмæ иу юридикъон уæнг фæивар сты экономикон куыстимæ баст арæнæвæрдтæ халыны тыххæй.
Уагдоны хъусинагæй, барадхъахъхъæнджытæ бæлццæтты ласыны æмæ автомобилæй змæлды фæтк састы фактыл фæивар кодтой 415 уæнгы.
«Ноджы уын иу хатт бакой кæндзыстæм, цæмæй уæлрадон уавæры режимы халын, расайы администрацион бæрнæвæрд – физикъон уæнгæн ивар 3 000 ларийы бæрцæй, æрмæст юридикъон уæнгæн -15 000 ларийæ» – банысангонд у МХМы информацийы.