МХМ – туркаг коллегæтимæ иумæ уагъд полицийы операцийы фæстиуæгæн, 14 туркаг æмбæстаг æрцахстой, се æхсæн уæззау æмæ уæлдай уæззау фыдракæндты аххосджынгондтæ дæр
Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, сæ туркаг коллегæтимæ иумæ, æнæхъæн Гуырдзыстоны цалдæр бынаты ноджы иу æнтыстджын полицион операци ауагътой. 14 Туркы æмбæстаг сты ахст – уый фæдыл уагдоны арæзт брифингыл фехъусын кодта централон криминалон полицийы департаменты директоры хæдивæг Ираклий Дондоладзе.
Брифингыл куыд банысан кодтой афтæмæй, мидхъуыдтæгты министрады кусджытæ активонæй æмкуыст кæнынц партнер бæстæты барадхъахъæнджытимæ Гуырдзыстоны территорийыл æндæр æмæ æндæр бæстæты агурæг фæсарæйнаг æмбæстæгты рабæрæг æмæ ахстæн.
«Ивгъуыд 24 сахаты дæргъы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ, сæ туркаг коллегæтимæ иумæ, æнæхъæн Гуырдзыстоны цалдæр бынаты ноджы иу æнтыстджын полицион операци ауагътой – ахст сты Турчы республикæйы 14 æмбæстаг, кæцытæй 11-ы Турчы полици, æппæтдунеон æмвæзадыл агуырдта. Се æхсæн: наркотикон æмæ психотропон буарадты рауагъд, уæй, æлхæд æмæ дарын, давд, æнæбары буары зиан хæссын, тасдзинад, æнæзакъонон æхсæнгарз дарын Агуырд адæймæгтæ аххосджын кæнынц 26 эпизоды æлхæныны, æвæрыны æмæ дарыны, æндæр адæймаджы исбонæн зиан æрхæссыны, æнахъом уæнгдзинады ныхмæ фыдракæнд саразыны, æфхæрд фыдгæнæг организаци, лæгмар æмæ сайд.