МХМ - сидæм 2-æм февралы плангонд æмбырды организатортæм æмæ хайадисджытæм, сæхи бауромой æнæзаконон архайдтытæй æмæ расидой сæ протест законæй снысангонд фæлгæтты
Мидхъуыдтæгты министрад 2-æм февралы расидтгонд протесты фæдыл расидæн парахат кæны.
Фидиуæны банысангонд у, цæмæй уголовон кодексмæ гæсгæ, стратегион кæнæ сæрмагонд нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекты блокирдзинад у æфхæрæн архайд.
«Æхсæнад куыд зоны, афтæмæй социалон хызæгты æмæ æндæр æмæ æндæр медиаплатформæты парахат кæны информаци 2-æм февралы централон трассæтыл æмæ автомагистралтыл уагъдцæуæг митинг-демонстрацийы тыххæй».
Фæнды нæ хъусын кæнæм акцийы организатортæн æмæ хайадисджытæн, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады 2024 азы 23 октябры 361-æм уынаффæмæ гæсгæ «Стратегион æмæ/кæнæ сæрмагонд нысаниуæджы объектты номхыгъд сбæлвырд кæныны фæдыл» æхсæнадæмон фæндæгтæ сты стратегион æмæ/кæнæ сæрмагонд нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекттæ.
Уголовон кодексы 222-æм статьямæ гæсгæ, стратегион кæнæ сæрмагонд нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объекты æрæхгæнын у æфхæрæн хъуыддаг, кæцы йæ зæрдыл дары ахæстоны фæбадын 2 азы онг æмгъуыдмæ, уæлдæрбанысангонд митæ къорды æххæст кæнын та йæ зæрдыл дары ахæстоны фæбадын æмгъуыд 2 азæй 4 азы онг.