МХМ - миграцион департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 37 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой
МХМ - миграцион департаменты кусджытæ Гуырдзыстонæй 37 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой

Ивгъуыд мæйы, мидхъуыддæгты министрады миграцион департаменты кусджытæ, Гуырдзыстоны закон «Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон адæймæгты юридикон статусы фæдыл» бындурæвæрдæй, æндæр æмæ æндæр бæстæты 37 æмбæстаджы бæстæйæ ратардтой. Информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.

«Фæсарæйнаг æмбæстæгтæй иуæй-иутæ барвæндонæй ныууагътой Гуырдзыстонæй, иннæтæ та миграцион департаменты райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн бæстæйæ тыхæй атардтой».

Гуырдзыстоны закъон «Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон адæймæгты юридикон статусы» бындурыл бæстæйæ æдæппæт Молдовæйы, Египеты, Сомихыстоны, Уæрæсейы, Иракы, Ираны, Турчы, Пакистаны, Туркменистаны, Индийы, Бангладешы æмæ Нигерийы 37 æмбæстаг сырæзт”, – ис фыст мидхъуыдтæгты министрады информацийы.