МХМ - цыппæрæм октябры цауты фæдыл басгæрсты фæлгæтты барадхъахъхъæнджытæ сбæрæг кодтой фыдракæнды баст 15 адæймаджы, кæцытæй 13 ныридæгæн сты ахст, ноджы дыууæ сты æмбæхст.
Мидхъуыдтæгты министры хæдивæг, Александре Дарахвелидзейы расидæнмæ гæсгæ, цыппæрæм октябры цауты фæдыл ноджы 13 адæймаг ахст у.
Абон мидхъуыдтæгты министрады арæзт брифингыл куыд рабæрæг ис афтæмæй, ноджы дыууæ адæймаг æмбæхст сты æмæ сæ ахстæн æмбæлон мадзæлттæ ист цæуынц.
Уымæй дарддæр ма, мидхъуыддæгты министрады хъусын кæнынц, цæмæй даргъ кæнынц фæдагурæн архайдтытæ фыдракæнды æндæр аххосджынты рабæрæг кæныны æмæ сæ уголовон бæрнмæ æркæныны нысанæй.