МХМ – Болнисы муниципалитеты фæндаггон аварийы фæстæ ныхмæлæуды, министрады цалдæр кусæг æмæ аст æмбæстаг фæцæф сты
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрад, Болнисы муниципалитеты Нахидуры хъæуы цауты фæдыл æфтауц информаци парахат кæны.
Мидхъуыддæгты министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй централон трассæйыл фæндаггон фыдбылыз куы æрцыд, кæцыйы фæстиуæгæн дыууæ æнахъомы фæмард, уый фæстæ бынатыл æрæмбырд сты бынæттон цæрджытæ æмæ уавæр фæкарздæр ис.
«Ныхмæлæуд сырæзт бынатыл æрæмбырдуæвæг æмбæстæгты æхсæн, афтæ дæр æмбæстæгтæ æмæ барадхъахъхъæнджыты æхсæн, кæцытæ бынатыл уыдысты æхсæнадон фæтк хъахъхъæнынæн.
Æрæмбырдуæвджытæ сæмбæлды бахауæг хæдтулгæ, стæй тагъд æххуысы бригадæйы машинæ дæр аппæрстой.
Афтæ дæр бынаты бахъыгдардтой æмæ ныппырх кодтой иннæ æмбæстæгты машинæты рудзгуытæ.
Æрæмбырдуæвджытæ змæлын нæ бауагътой, фæндаггон цауы чи бахауд, уыцы хæдтулгæты бæлццæтты, стæй барадхъахъхъæнджытæн нæ уагътой слестгæнæн мадзæлттæ ауадзын. Уымæй уæлдай ма кусыны бар нæ уыд тагъд медицинон æххуысы дохтыртæн дæр.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, фæндаггон цауимæ баст шофыр æрцахстой æмæ фæдагуырд даргъ кæны.
Болнисы рынчындоны сидынц, цæмæй фæндаггон аварийы фæстæ ныхмæлæуды фæстиуæгæн зианбаййафæг дыууæйы уавæр уæззау у æмæ сæ Тбилисмæ ласынц.