МХъМ – æрцахстой адæймаг, кæцы 2-æм сентябры Руставелийы проспектыл уагъдцæуæг протесты рæстæджы æхсæнгарзимæ змæлыд протесты хайадисджыты æхсæн
Иумæйаг оперативон мадзæлтты æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, патрулон полицийы департамент æмæ паддзахадон æдасдзинады куысты кусджытæ æрцахстой 1963 азы гуырд М.Л., кæцы знон, 2-æм сентябры Руставелийы проспектыл митингы хайадисджыты æхсæн æхсæнгарзимæ змæлыд – уый фæдыл мидхъуыддæгты министрады хъусинаджы ис фыст.
Мидхъуыддæгты министрады информацийæ, ахстгонды сæрмагонд басгæрсты рæстæджы бæлвырдгæнæнæн æхсæнгарз байстой.
«Афтæ ма, фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн барадхъахъхъæнджытæ ахстгонды хæдзарæй байстой æндæр æмæ æндæр хуызы æхсæнгарз æмæ хæцæнгæрзтæ. Фæдагуырд цæуы уголовон кодексы 236 статьяйы 3 æмæ 4 хæйттæм гæсгæ, кæцы нысан кæны ахæстоны фæбадын 7 азы онг», — дзырдæуы хъусинаджы.