Мюнхены æдасдзинады конференцийы фæлгæтты  Гуырдзыстонæн нывонд æрцыд  специалон мадзал
Мюнхены æдасдзинады конференцийы фæлгæтты Гуырдзыстонæн нывонд æрцыд специалон мадзал

Гуырдзыстон сæрыстыр  у  эффектджын  демокративон  хицауиуæгæй,   закъоны  бæрзонддæрдзинадæй, кæцы бонæй-бон  фидардæр кæны,   активон политикъон  цардæй,    медийы сæрибардзинадæй,   экономикон динамизмæй,   инвестортæн  рæувадат   уавæртæй  æмæ  коррупцийы  ныллæг æмвæзадæй, –  уый фæдыл   Гуырдызстоны премьер-министр  Гиорги Квирикашвили фæныхас кодта  Мюнхены  54-æм  конференцийы фæлгæтты специлалонæй Гуырдзыстонæн  нывонд   мадзалыл  дзырдæй ралæуды рæстæджы.

Премьер  фæныхас кодта  æнææрмæст  Гуырдзыстоны æнтыстытыл   европаг æмæ евроатлантикон  фæндагыл, фæлæ ма   бæстæйы  æрдзон  европаг  ахастыл ахæм  хъæуджыдæргонд сферæты,  цахæм дæр сты  политикъæ  æмæ   литературæ.

«Гуырдзиæгты  нæ  уырны, цæмæй   адæймагады  сеппæтæй  стыр æнтыст – сабырад æмæ  сæрибардзинад,  химæ æруадзын гæнæн  ис  æрмæст дæр уыцы  цауы,   кæд  цыт кæндзыстæм  демократийы  æмæ   нациты   сабрадон  æмцард æмæ принциптæн.  Зонæм, цæмæй  не ‘рдыгæй   сабырад  æмæ   сæридбардзинады хæзнатæн  æнæцудгæ  иузæрдыгдзинадæн  бындурон  нысаниуæг  ис, нæхи, куыд   нацийы  прогрессæн афтæ.

Ацы  хæзнатæн  нæ  иузæрдыгдзинад нын   дæтты  фадат, ноджы  фылдæр æнтыстмæ  баххæссæм  эффектджын реформæты  сæххæсты,  хæдиргъæфхъомады  фæтынгдæр кæныны,  хæдбар æддæ политикъæйы  уадзыны,  сæрибар   дунемæ интеграцийы  æмæ,   æцæг демокративон   паддзахад арæзтады  æрдгæй-   загъта Гиорги  Квирикашвили.

Премьер банысан кодта, цæмæй коррупцийы ныллæг æмвæзадæй,  Гуырдзыстон  иуæй-иу  европаг   бæстæйы дæр йæ  фæстæ фæуагъта;  2017 азы сентябры та  йæхимæ раста  глобалон  мальтуанцион   инициативæйы – æргом  хицауиуæгы  партнерады  сæридариуæгдзинад,  кæцы ахъаз у  рухсдзыддзинады  фæфидардæр  кæнынæн æмæ  бæстæ  ацы   нымадмæ истæй  тынг   хъал у.

«Зæгъæн ис  26  азы размæ  хæдбардзинад  ногæй рацарæзтæй райдайгæ  Гуырдзыстон тырны  евроатлантикон тыгъдады  æрдæм,  растдæрæй  та – уырдæм æрыздæхынмæ,  кæцыимæ нын ис  иумæйаг истори,  культурæ,  æмæ  хæзнатæ.  Уый у нæ адæмы  фылдæры  хайы  барæвзар,  кæцы æвдыст æрцыд  Гуырдзыстоны æддæ  политикъæйы   нысаны,  суа НАТО-йы  æмæ Евроцæдисы  æххæстаргъджын уæнг.  Нæ тырнындзинæдтæ  уыцы  политикъон æмæ   культурон тыгъдадмæ æрыздæхынмæ гæсгæ,    кæцæй дæр  нæ  тыхбынæй  раскъуыдтой,   нымадмæ ис æмæ  разы у  дыккаг фарсы  æрдгæй дæр.

Куыд НАТО, афтæ  Евроцæдис дæр,   афтæдæр сæ  уæнг   паддзахадтæ,  æххуысы  къух  радарттой  нæ æвзонг  демократийæн æмæ  уымæн гуырдзиаг   адæм тынг  аргъ кæнынц.  Германи кæддæриддæр  уыдис Гуырдзыстонæн   иуæй-иу  æнæфсайгæ   æмцæдисон æмæ  зынаргъ  æмæ æууæнкджын  хæлар»- Банысан кодта Гиорги Квирикашвили.

Премьеры  фидиуæнæй,  Евроцæдисимæ   амбицион  ассоциацидзинады   бадзырды   æмæ  арв æмæ æппæтыл æххæссæг   сæрибар базарадон   тыгъдады  фæдыл  бадзырд  эффектджын сæххæст у  Гуырдзыстоны  хицауады  сæйраг приоритет.

«Евроцæдисимæ  Гуырдзыстоны  къуындæг  æмгуыстады   пайда  æнæдызæрдыг у. 2017 азы  марты  Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм лæвæрд æрцыд  Шенгены  зонæмæ   æнæвизæ  дыууæрдæм  балц  бар.  Ацы историон момент   Гуырдзыстоны   нысаниуæгджынæй  æрыввахс кодта  Европæимæ.  Æнæвизæ режимы  ахъаз у   профессион бавидæн, бизнесментæн,   ахуыргæндтæн,  студенттæн æмæ   аивады минæвæрттæн.  Уый та  нысан кæны,  цæмæй   гуырдзиæгтæн ис фадат,  æрцæуой Европæмæ  æмæ сæхи цæстæй феной   европæйæгты æнтыстытæ,  дзæбæх цард,  закъоны  бæрзонддæрдзинад  æмæ  дзæбæхзæрдæ ахаст –  кæнæ та  уыцы  дуне,   кæцыйы æрдæм дæр Гуырдзыстон тырны» –  загъта  премьер-министр.

Гиорги Квирикашвили   деталонæй  фæныхас кодта  Гуырдзыстоны  трансформацийы  æвдисæг  фæстагрæстæгон   бæрæггæнæнты фæдыл,  кæцытæ йæ ныхæстæм гæсгæ   тæлмæнджын сты.

Гиорги Квирикашвилийы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны фæстагрæстæгон   фæлтæрддзинад  у   бæлвырд  дæнц  уыйы, цæмæй демокративон трансформаци  æмæ æдасдзинады æмæ  стабилондзинады фæфидардæр   кæнын гæнæн ис   регионы,  цы ран ис   æнæбиноныг  конфликттæ.

 

«Гуырдзыстоны раз  абон дæр  ис  серьозон  сидт  æдасдзинады æрдгæй,   афтæдæр  æхæнадæмонæй нымадмæ ист нæ территориты 20% -ы оккупаци  æмæ цæугæ милитаризаци,  æрмæст сæдæгай   мин тыхбын бынативгæ   уæнг,  абоны онг   нысаниуæгджын проблемæ сты.  Мах цæрæм  ахæм заманы,  кæцы рæстæджы дæр   æдасдзинады æрдгæй  тасæй  фæдзæхст   ничи у,  цæй тыххæй  дæр мах бæрзонд аргъ кæнæм   нæ ахастытæн  ныгулæйнаг партнертимæ,  æрмагондæ  та  дыууæфарсон бастдзинадæн  Германиимæ.  Ацы   цæдистæ   сты   æнæфæсайгæ  æмæ   сæ  уидæгтæ хъуамæ агурæм   фыццаг немыцаг  сыхы,   кæцы   Гуырдзыстоны сæвзæрдис  дыууæ æнуысы размæ. Германий  раздзогы роль сæххæст кодта  100 азы размæ  Гуырдзыстоны  фыццаг  демокративон республикæйы   æрфидары хъуыддаджы.  Гермнаий абон дæр   скуыддзгæнæг   роль æххæст кæны,   æмæ  у Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  райтынгы  гарантæй» – банысан кодта  премьер-министр.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   Гуырдзыстон бæрзонд аргъ кæны  Франкфурты  чиныджы æрмукъайыл  цытджын уазæгы  статусæн,   кæцы   дæтты  уникалон   фадат,   немыцаг  æмæ  глобалон аудиторитæн лæвæрд æрцæуа   фадат   базоной,   гуырдзиаг  литературæ  æмæ  бонджын  бындарад, истори, традицитæ æмæ  культурæ.

Специалонæй гУырдзыстонæн нывонд   мадзал,  уагъд æрцыд  Мюнхены  æдадсзинады конференцийы  æморганизацидзинадæй.  Тематон   дискуссийы хайад истой,   Гуырдзыстоны  хицауады уæнгтæ  æмæ   гуырдзиаг   автортæ.