Мюнхены æдадсзинады конференцийы къухдариуæггæнæг  хъусын кæны, цæмæй конференцимæ  Уæрæсейы минæвæртты нæ фæхуыдтой
Мюнхены æдадсзинады конференцийы къухдариуæггæнæг хъусын кæны, цæмæй конференцимæ Уæрæсейы минæвæртты нæ фæхуыдтой

Мюнхены 2023  азы æдасдзинады конференцийы  Уæрæсейы  минæвæрттæ  хайад нæ райсдзысты.  Уый фæдыл  конференцийы  къухдариуæггæнæг   Кристоф Хойсген  ныффыста «Твиттеры».

Йæ  дзырдæй, зæгъгæ уыдон   платформæ уырыссаг пропагандæйæн нæ ратдзысты.

«Уырыссаг бæрзонд гæстæ  хуынд не сты  Мюнхены æдасдзинады  2023 азы  конференцимæ. Нæ сæм уыдзæн лæвæрд платформæ пропагандæйæн», – райхъусын кодта Кристоф Хойсген.

Уыимæ,  Хойсген банысан кодта, ома сæ фæнды «æркæсын Уæрæсейы фидæн уырыссаг оппозициимæ  æмæ  бæстæйæн  сырд уæнгтимæ».

Мюнхены 2023 азы конференци  17-19  февралы  ацæудзæн  æмæ йæ иуæй-иу сæйраг темæ  Украинайы   хæсты  иу афæдзы сæр уыдзæн.