Мэтью Миллер – АИШ мæтæйдзаг у Гуыдзыстоны хицауады  антидемократон архæйдтытæй, кæцытæ иумæнæбадгæ  сты Евроцæдисы æмæ НАТО-ы  уæнгдзинады нормæтимæ
Мэтью Миллер – АИШ мæтæйдзаг у Гуыдзыстоны хицауады антидемократон архæйдтытæй, кæцытæ иумæнæбадгæ сты Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнгдзинады нормæтимæ

АИШ  сагъæсгæнæг   у  Гуырдзыстоны  хицауады   архæйдтытæй,  кæцытæ    æнæмбæлгæ  сты   Евроцæисы æмæ  НАТО-йы  уæнгдзинады нормæтимæ, – уый  фæдыл АИШ-ы   паддзахадон  департаменты спикер   Метью  Миллер  райхъусын кодта.

«А. х.  фæсарæйнаг   æндæвдады  закъоны  райстæй  дарддæр,  мах афтæдæр    уынæм   цæмæй Гуырдзыстоны  хицауад æнæиухатт    тыхмигæнгæйæ  ныссæста   æмбæстæгты протест   ацы  закъоны ныхмæ.  Абон  АИШ санкцитæ  фидар кæны    Гуырдзыстоны   хицауады дыууæ бæрзонд гæсæн  æмæ   тыхмигæнæг  экстремистон  къорды дыууæ лидерæн, афтæма  60-йæ   фылдæр уæнгæн  фидар кæны визон арæнæвæрдтæ  адæймаджы барты   халындзинады,  коррупцион   кæнæ æндæр   антидемократон   архæйдтыты  æмхайадисты тыххæй. Ацы  архæйдтытæ   сты  не рдгæй   Гуырдзстонимæ  алы дыууæфарсон    æмгуыстады  ногæй  æркасты  фæстиуæг, кæцы  равзæрдис    иудадзыг   антидемократон архæйдтытæй, афтæма  Гуырдзыстоны хицауады  уæнгты æрдгæй  æнæраст фидиуæнтæй, кæцытæ   иумæнæбадæ сты Гуырдзыстоны  хицауадимæ   дæсгай азы дæргъы   уæвæг   нæ  ахастытимæ», –   райхуъсын кодта Миллер.

«Гуырдзыстоны хицауадæн йæ бон у  ногæй  сбæлвырд кæна  йе Евроатлантикон траектори  уæгъдибар æмæ рæстаг  æвзæрстытæ  ауадзынæй, антидемократон   закъондæттынады аивынæй æмæ   Евроцæдисы  уæнгсуæвыны   реформæты   фæдыл   уæвæг  рекомендацитыл нысаниуæгджын  æмæ  бæрæг  прогресы   равдисынæй», – загъта Мэтью Миллер.

2008 азы   хæсты тыххæй   журналист Алекс  Рауфогълуйы   фарсты дзуаппæн Миллер   райхъусын кодта, цæмæй нæ  нхъæлы  ома  Гуырдзыстон  хатыр хъуамæ ракура  Уæрæсейы  бырсты  тыххæй.

«Не нхъæлын, цæмæй Гуырдзыстон  хатыр хъуамæ ракура   Уæрæсейы  бырсты  тыххæй, афтæ  куыд  Гуырдзыстонæн æнæхъуаджы  у  хатыр ракурын  уыцы  факты тыххæй, цæмæй  Уæрæсе  дарддæр кæны  Гуырдзыстоны территорийы  20% оккупаци.  Уæрæсе у  агрессор, кæцы  ныббырста  Гуырдзыстонмæ æмæ дарддæр  кæны Гуырдзыстоны  æнæзакъонон оккупаци. Уæрæсе  у  агрессор  регионы  æндæр  бæстæты  ныхмæ.  Кæй  зæгъын æй хъæуы,  Украинæ  у  уый   рухс  цæвиитон», –   загъта Миллер.