Мэтью Миллер -  æргомæй  райхъусын кодтам, цæмæй хъавæм  Гуырдзыстоны хицауадæн тæрхон кæнын  йæ  политикон уынаффæтыл æнцойæ æмæ нæ  политикæ уыдзæн  сæ архæйдытæм гæсгæйæ
Мэтью Миллер - æргомæй райхъусын кодтам, цæмæй хъавæм Гуырдзыстоны хицауадæн тæрхон кæнын йæ политикон уынаффæтыл æнцойæ æмæ нæ политикæ уыдзæн сæ архæйдытæм гæсгæйæ

Æргомæй  райхъусын кодтам, цæмæй  хъавæм  Гуырдзыстоны  хицауады политикон  уынаффæтыл  æнцойæ  архайын, –  уый фæдыл  паддзахадон  департаменты пресспикер, Мэтью Миллер журналисттæн  Алекс Рауфогълуйы  прессконференцийы  æвæрд фарсты дзуаппæн загъта.

Миллеры дзырдæй, зæгъгæ АИШ-ы уынаффæтæ  баст сты  архæйдтытыл, кæцы æххæст кæны Гуырдзыстоны  хицауад.

«Сымах куы æркæсат   нæ  сæххæст архæйдтытæм,  уæд бæлвырд  фехуъсын кодтам, цæмæй хъавæм  тæрхон кæнын  Гуырдзыстоны  хицауадæн йæ  политикон   уынаффæтыл æнцойæ æмæ нæ  политикæ  уыдзæн сæ  архæйдтытæм гæсгæйæ.

Федтат, цæмæй паддзахадон нымæрдар   райхъусын кодта Гуырдзыстонимæ ахастытæ  ногæй æркæсыны фæдыл.  Федтат, цæмæй   уый æрбайста  фыццаг  арæнæвæрдтæ, фыццаг  санкцитæ  Гуырдзыстоны  официалон  уæнгты ныхмæ.  Гуырдзыстонимæ ацы  ахастыты  æркæсын  нырдæр дарддæр  кæны.

Кæддæриддæр ныфс дарттам, цæмæй  кæцыфæнды бæстæ, кæцы  фæстæцыд  райдайы  демократон мазæлттæй кæнæ  Евроатлантикон  интеграцийы фæндагæй, йæ  къурс фæивдзæн.   Сæрмагондæй  та уæд,  куы  уынæм, цæмæй  ацы бæстæйы  адæм дзурынц, ма  сæ  фæнды къурсы фæивын.   Фæлæ  нæм ныфс куы  ис, цæмæй уыдон  ивддзинад сыххæст кæндзысты, уæд нæ   политикон   уынаффæтæ  райтынг кæнæм  тынг  реалон фадæттæм  гæсгæйæ, уыцы   реалон цауты  тыхæй  дæр, бæстæтæ  ацы  къурс  куы нæ ивынц  уæд», – райхъусын кодта Мэтью Миллер.