Мирза Субелианийæн аххосаг бавдыстæуыд
Мирза Субелианийæн  аххосаг бавдыстæуыд

Хоравайы уынгыл  марындзинады  хъуыддагыл  фыдракæнды  æнæсхъæр кæныны  аахосагæй  ахст Мирза Субелианийæн  аххосаг бавдыстæуыд.

Тбилисы сæйраг  уагдоны, аххосаг бавдисыны  рæстæджы уыд Субелианийы   адвокат  Инга  Чалаури. Адвокат  журналисттæн куыд дзырдта  афтæмæй,  Субелианийæн аххосаг бавдыстæуыд  тугтæрхоны барады  кодексы  376-æм статийæ.

«Мирза Субелдиани  йæ фыдракæндыл сæтты.  Нырма бæрæг нæу,   цы хуызы развæлгъау суыдздаг  æрдомдзæн уымæн стæрхон кæнын  прокуратурæ,  фæлæ   ахсты æркуырды  цауы,  мах  зылынгæнæг фарсимæ не сразы  уыдзыстæм» – райхъусын кодта адвокат.

Тбилисы  Хоравайы  уынгыл  æрцæугæ марындзинад хъуыддагыл  прокуратурæйы раздæры  кусæгы  Мирза Субелианийы  знон æрцахстой.

Субелианийы  азымджын кæнынц  тугтæрхоны барады  кодексы  376-æм статийæ, фыдракæнды тыххæй æнæсдзырды.

Ацы  хъуыддагыл та  8-æм июны,   æвдисæнмæ хъомыс дарыны  аххосагæй   æрцахстой Мераб Морчадзейы.  Уымæн аххосаг бавдисыны процедурæ  уагхд цæуы  ацы  сахатты.

Тбилисы Хоравайы уынгыл  мард Давит Саралидзейы фыд, Заза Саралидзе, Мирза Субелианийы азымджын кæны фыдгæнджыты  сæрыл дзурыны.

Хоравайы  уынгыл дыууæ æнахъомы  фыццаг декабры  фæцæф кодтой.  Леван Дадунашвили  фæмард рынчындонмæ баласыны онг, æрмæст Давит Саралидзе та 2 декабры  рынчындоны  амард.

Тæрхондон  Леван Дадунашвилийы  барæй марындзинады  зылынджыныл гнымадмæ ист  Г.Б.йæн сæтрхон  кодта 10 аз æмæ 6 мæйæ  ахст, æрмæст уæззау уавæрты  æнахъом Давит Саралидзейы  барæй  марындзинады архайды  зылынмæ лæвæрд  Г.ДЖ.-йæн та  9 аз æмæ  9 мæйæ ахст.