Минделлийы номыл шахтæйы æрцæугæ цауы фæстиуæгæн 4 адæймаг фæхъуыд
Тъхъибулы Минделлийы номыл шахтæйы æрцæугæ цауы амæттаг фесты 4 адæймаг – уый фæдыл информацийы Фыццаг Къаналæн сбæлвырд кодтой Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады.
МХМ-ы афтæдæр бæлвырд кæнынц информацийы цалдæр зианбаййафæгы фæдыл.
Уагдоны хъусинагæй, æрцæугæ фактыл фæдæвзарæн Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы дыккаг хайы райдыдта, кæцы йæ хъуыдыйы дары хæххон, арæзтадон кæнæ æндæр куыстыты рæстæджы æдасдзинады мадзæлтты саст, кæцы расидтис адæймагы царды скуынæг кæнæ æндæр уæззау фæстиуæг.
Проффцæдисты информацийæ, цыппар адæймагы сыгъды диагнозæй фæхæццæ кодтой рынчындонмæ. Фыццаг Къаналæн æфсæнвæндаджы ног профессион цæдисы техникон инспектор, Паата Нинуы куыд загъта афтæмæй, ацы рæстæгмæ бæрæг кæнынц цауы детæлттæ.
«Хъыгагæн æрцыд уыцы типы цау, цалдæр мæйы размæ куыд уыд ахæм, кæцыйы рæстæджы 6 адæймаг фæмард. Детæлттæ нæ зонæм æмæ бæлвырдæй исты зæгъын нæ бон нæу, уымæн æмæ нырма хъуыддаджы равзарыны процессы стæм», – банысан кодта Нинуа.
Тъхъибулы Минделлийы номыл шахтæйы æнамонд цау абон сæумæрайсом æрцыд.