Михеил Сарджвеладзе – Паддзахады нысан у фæлхасгæнджыты интересты бахъахъæд, уый тыххæй дæр фæуæрæхдæр уыдзæн уыцы медикаментты ассортимент, кæцытæм хаудзæн референсон аргъ
Паддзахад активонæй бацæудзæн процессмæ, цæмæй фæлхасгæнджыты интерестæ куыд гæнæн ис афтæ æмæ эффективонæй хъахъхъæд æрцæуой. Мах хъуыды кæнæм, цæмæй медикаментты ассортимент, кæцытæн референс æргътæ уыдзæн снысангонд, хъуамæ фæуæрæхдæр уа – уый фæдыл Гуырдзыстоны æнæнизхъахъъхæды министр, Михаил Сарджвеладзе расидтис.
Михеил Сарджвеладзе фæныхас кодта медикаментты референсон æргътæ снысан кæныны механизмыл æмæ бамбарын кодта, цæмæй æргъты ревизитæ даргъ кæнынц, æмæ ацы этапыл, медикаментты референсон аргътæ рæстадонæй снысан сты.
«Кæд æмæ бæрæг уыдзæн конкретон препаратæн аргъы ивæндзинады æнæмæнгхъæуындзинад, уæд ууыл æруынаффæ кæндзыстæм снысангонд периодикон æмгъуыдæй æмæ уынаффæ нæ фæфæстиат кæндзыстæм. Махæн сæйраг интерес у фæлхасгæнæг æмæ нымайæм, цæмæй ныридæгæн снысангонд æргътæ сты рæстадон», -расидтис Михаил Сарджвеладзе, кæцыйы фиппаинæгтæ парахат кæны æнæнизхъахъхъæды министрад.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæйраг приоритет у, цæмæй медикаменттæ Гуырдзыстоны уа уыцы аргъæй, кæцыйæ уæй кæнынц цыппар æмбæлон штаты.