Михеил Сарджвеладзе – паддзахад дарддæр кæны лыгъдонтæн  аккаг цæрæн уавæртæ дæттын æмæ сын Кутаисы фатерты раттын тагъд рæстæджы райдайдзæн
Михеил Сарджвеладзе – паддзахад дарддæр кæны лыгъдонтæн аккаг цæрæн уавæртæ дæттын æмæ сын Кутаисы фатерты раттын тагъд рæстæджы райдайдзæн

Окупиргонд территоритæй лыгъдонты, фæллойы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъæды министр, Кутаисы Никеайы уынгыл уæвæг æрцæуæггæгтæн цæрæн комплексы цæугæ куыстытæ басгæрста.

Ныридæгæн сæ тæмæны бацыдысты æртæ 12-уæладзыгон хæдзары арæзтадон æмæ цалцæггæнæн куыстытæ. Арæзт æрцыд æддейы инфраструктурæ, сквер, сывæллæтты æмæ спортивон фæзуæттæ, цыран 720 æрцæуæггаг бинонтæ райсдзысты æххæстæй цалцæггонд фатертæ.

Михеил Сарджвеладзейы ныхасмæ гæсгæ, паддзахад дарддæр кæны æрцæуæггæгтæн аккаг цæрæн уавæртæй сифтонг кæнын æмæ сын фатерты лæвæрд тагъд рæстæджы райдайдзæн.

Æрцæуæггæгты цæрæнуæтты программæйы фæлгæтты, арæзтад афтæ дæр активонæй цæуы Тбилисы, Борджомы, Руставы æмæ Зугдиды.

Кутаисы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон фарстаты комитеты сæрдар Заза Ломинадзе цæрæн комплексы цæугæ куыстытимæ министримæ иумæ базонгæ ис.