Михеил Саакашвилийы тæрхоны процесс та æргъæвд æрцыд
Михеил Саакашвилийы тæрхоны процесс та æргъæвд æрцыд

Тбилисы горæты тæрхондоны, бюджетон суммæтæ ныппаплой кæныны фæдыл  хъуаддагыл  Гуырдзыстоны раздæры президент  Михеил Саакашвилийы  тæрхоны  процесс та  æргъæвд æрцыд.

Процессыл  кастысты  пенитенцион  куысты бавдыст фыстæг, кæцымæ гæсгæ дæр  клиникæ «Вивамеди»-ы  хоскæныны тыххæй,   экспрезидент  йæ  тæрхоны процессмæ  бацæуын нырма нæ фæразы.

Уый тыххæй дæр  тæрхонгæнæг Бадри Кочъламазашвили  процессы датæ  фыццаг августмæ ахæцыд.

Фæнысангондэпизодыл, Михеил Саакашвили  æмæ паддзахадон хъахъхъæды специалон куысты  раздæры  хистæр  Темур Джанашиа, зылынмæ лæвæрд сты  æмæ сæ  аххосджын кæнынц паддзахадон бюджеты сæрмагонд  9 милуаны онг ларийы  ныппаплой кæнын.