Михеил Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ æрцыды хъуыддагыл ахст цыппардæр гоймаг аххосагыл сæттынц
Тбилисы горæты тæрхондоны Михеил Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ æрцыды хъуыддагыл ахæстты- Гиорги Нариманидзейы, Элгуджа Цомаиайы, Зураб æмæ Шалва Цъоцъориаты тæрхонагъоммæ рабадт цæуы.
Тæрхонгæнæг æрцахстуæвджыты фарста, сæттынц æви нæ уыдон аххосагыл. Алкæцы сæ процессыл банысан кодта, цæмæй аххосагыл сæттынц.
Рабадтыл фарсытæ бæлвырдгæнæнты æмбæлондзинадыл тæрхон кодтой æм тæрхонгæнæг фæнысангонд бæлвырдгæнæнтимæ сразы ис.
Афтæма абон, зылынмæ лæвæрдтæн æфхæрды мадзлы хуызæй ахсты уынаффæ ногæй æркæсдзысты. Прокуратурæ тæрхондонмæ цыппар дæр зылынмæ лæвæрды ахстæй ныууадзын æркуырдта. Тæрхондон зылынмæ лæвæрдты ахсты ныууагъдта.