Михеил Саакашвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуддæгты министрадмæ фæсиддзысты Украинайы минæвармæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийы куырдиатæн ратта дзуапп æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ уыд раст æнхъæлц уыйы, ома Саакашвили Гуырдзыстоны мидæгон политикæйы йæхи фæтъыстаит.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, растдæр ацы фарстимæ у баст Украинайы Гуырдзыстоны минæвармæ консультацитæм фæсидын.
«Растдæр ай у уыцы фарста, цæй тыххæй дæр нын уыд тынг серьозон ахаст æмæ цæй тыххæйдæр, нæ минæвармæ фæсидтыстæм консультацитæм. Растдæр уый фæдыл фæдзæхстам нæ украинаг коллегæты – адæймаг, кæцыйы иуæй-иу бæрзонд бынатыл сæвæрдтой, кæцы агуырды уæвы, æмæ кæцыйæ гуырдзиаг расттæрхон цыппар хæдбар кейсæй домы дзуапп, адарддæр кодтаит Гуырдзыстоны мидæгон политикæйы йæхи тъыссын.
Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы фидиуæн, кæцыйы знон фехуъсытам, у комкоммæ хитъыссын æндæр бæстæйы мид хъуыддæгтæм æмæ комкоммæ æвзарæнон процессмæ Украинайы æмбæстагы, кæцы ныр иуæй-иу бæрзонд бынатыл кусы», – райхъусын кодта Давит Залкалиани æмæ ма бафтыдта, цæмæй фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ, минæвары æмбарынгæнæнтæ раттынмæ фæсиддзысты.
«Нæ бон у лæмбынæг райхалын йæ алы ныхас. Цымидис кæнын, нæ украинаг коллегæтæй æмæ нын уый фæдыл ныхас уыдзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, фæдзурдзыстæм минæвармæ фæсарæн хъуыддæгты министрадмæ æмæ йæ æрдомдзыстæм æмбарынгæнæнтæ раттын, уымæн æмæ бæрæг у, æндæр бæстæйы бæрзонд гæсы æрдгæй, хифæкæнд æндæр бæстæйы, уæлдай дæр стратегион партнеры мидæггаг хъуыддæгты æмæ æвзарæнон процессты. Уый тыххæй байхъусдзыстæм Гуырдзыстоны Украинайы минæвары æмбарынгæнæнтæм», – райхъусын кодта Залкалиани.
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили райхъусын кодта: «Нæ хъавын сабырæй кæсын Гуырдзыстоны скуынæгмæ. Æцæгдæр уыдзынæн тохы фыццаг хаххыл».