Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл тæрхоны процесс 29 декабры адарддæр уыдзæн
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвилийæн æфхæрды æмгъуыд ахæцыны фарстайыл тæрхоны процесс 29 декабры 11:00 сахатыл адарддæр уыдзæн.
Адвокат Шалва Хачъапуридзе райхъусын кодта, цæмæй Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр иттæг вазыгджын у æмæ тæрхондонмæ куырдиатæй баздæхт, процесстæ æрвылбойнонæй снысан кæныны фæдыл.
Фæлæ тæрхонгæнæг банысан кодта, цæмæй процессты æрвылбойнонæй снысан кæнын гæнæн нæй.
«Иу æвдисæны æрфæрсынæн абон æнæхъæн бон бахъуыдыстæм æмæ æндæр хъуыддæгтæ, кæцытæ абонмæ уыд нысангонд, аргъæвдтон. Æрвылбойнонæй снысан кæнын физиконæй нæй гæнæн. Куырдиаты æркæсынæн бæлвырд датæтæ нæй, ам арæнгонд не стæм æмæ уый дæр хъæуы зæрдыл бадарын, ома ацы æрмæг æмæ ай бæрц æвидисæнтæн бахъæудзæн цалдæр рабадт ауадзын», – райхъусын кодта тæрхонгæнæг.
29 декабры тæрхоны процесс сног уыдзæн æвдисæнты æрфарстæй.