Михеил Саакашвили – знон уыд зонды урок уыцы адæймæгтæн, кæцытæ протестæн бойкот сарæзтой, хуыздæр организаци хъæуы, фæлæ диктатурæйы нигилизм æвзæрын кæныны фæлварæн ныппырх ис
Мах хъуамæ ма уазал кæнæм уæвæг заряд, фæлæ йæ фæтыхджындæр кæнæм, æмæ ныхмæлæуды змæлд хъуамæ апарахат уа æнæхъæн бæстæйыл. Æхсарджынæй куы архайæм, уæд æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзыстæм – фыссы Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвили.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстон нæма амард, тыхтæ æмбырд кæны æмæ ногæй йæ къæхтыл слæудзæн.
«Зноны иттæг масштабон демонстраци, кæцыйы адæм истой хайад, ног цард радта нæ иумæйаг ныхмæлæуды змæлдæн Гуырдзыстоны хæдбардзинад æмæ гуырдзиæгты сæрибардзинады хъахъæды.
Кæй зæгъын æй хъæуы, хъæуы хуыздæр организаци, хъæуы фылдæр тох, фæлæ диктатурæйы архайд нигилизм æвзæрын кæнын æмæ æппæтдунеон тас æрфидар кæнын знон ныппырх ис. Знон ма уыд зонды урок уыцы политиктæн, кæцытæ бойкот кодтой протест.
Стыр бузныг, чидæриддæр æрбацыд, уыдонæн, стæй организатортæ æмæ хъæппæрисджынтæн. Стыр бузныг уыдонæн, кæцытæ æрбацыдысты мæн æмæ æндæр политикон ахæстты къамтимæ, æмæ уыцы раныхасгæнджытæн, кæцытæ æрдомдтой политикон ахæстты ссæрибар кæнын.
Мах равдыстам, иумæ куы вæййæм, уæд бирæ кæй вæййæм. Бирæ куы вæййæм, уæд нæ хъыгдарын сæ бон нæу. Гуырдзыстон нæма амард; йæ ныхмæ, йæ тыхтæ æмбырд кæны æмæ та йæ къæхтыл слæудзæн.
Фæлæ мах хъуамæ ма уазал кæнæм уæвæг заряд, фæлæ йæ фæтыхджындæр кæнæм æмæ ныхмæлæуды змæлд хъуамæ апарахат уа. “Æнæхъæн бæстæ. Кæд хъæбатырæй архайæм, уæд æнæмæнгæй фæуæлахиз уыдзыстæм”, – фыссы Саакашвили.