Михеил Саакашвили «Националон Змæлдмæ» сиды, Ника Мелиайы ссæрибар кæныны фæстæ, Шарль Мишелы документыл къух бафыссын æмæ парламентмæ бацæуынмæ
Гуырдзыстоны раздæры президент Михеил Саакашвили «Националон Змæлдмæ» сиды, Ника Мелиайы ссæрибар кæныны фæстæ Шарль Мишелы документыл къух бафысса æмæ парламентмæ бацæуа. Уый фæдыл Саакашвили райхъусын кодта социалон хызагы ахæлиугонд видео-сидты рæстæджы.
«Ника Мелиа ахæстонæй хъуамæ рацæуа цыфæнды æгадгæнæг домæнты, зынæмбарæн цъындыйæ цух, хъуамæ ссæрибар уа афтæ, куыд æй фæнды йæхи. Уымæн æмæ уый æнæзакъононæй æмæ æнæаххосæй у ахст. Фæлæ ахæстонæй куы рацæудзæн, ацы домæнтæй куы рацæудзæнис, фæнды мæ зæгъын сын «Националон Змæлдæн, къух бафыссæт ацы бадзырдыл, уымæне æмæ ам ис сæйраг дыккаг пункт, фæззæджы бынæттон хæдуынаффæйы æвзæрстытимæ иумæ практиконæй снысан ис референдум «Гуырдзиаг Бæллиццы» Иванишвилийы хицауадæй аиуварс кæныны фæдыл», – райхъусын кодта Саакашвили.
Уыимæ иумæ Саакашвили дзуры, цæмæй «ацы референдумы размæ Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн æмæ физиконæй уыдзæнис Национеалон Змæлдимæ иумæ».