Михеил Саакашвили, Гиоргий Вашадзе, Ника Гварамия, Никанор Мелия, Зураб Джапаридзе, Елене Хоштария, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейы ныхмæ Тугрæстдзинады хъуыддагы фæдагуырд райдыдта
Тугрæстдзинады хъуыддагы фæдагуырд райдыдта Михеил Саакашвили, Гиоргий Вашадзе, Ника Гварамия, Никанор Мелия, Зураб Джапаридзе, Елене Хоштария, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейы ныхмæ -уый фæдыл Гуырдзыстоны прокуратурайы Гиоргий Гваракидзе расидтис.
“Прокуратурæ, Паддзахадон æдасдзинады куыст, мидхъуыддæгты министрады иумæйаг фæдагуырдæй, паддзахады ныхмæ аххосæгты -саботаж, фæсарæйнаг бæстæйæн знагон архайдтыты æххуыс, Гуырдзыстоны конституцион уаг æмæ националон æдасдзинады бындурады ныхмæ здæхт архайдтыты финансон фарсылхæцт æмæ Гуырдзыстоны конституцион уагы тыхмийæ фæивды, кæнæ хицауады ныхмæ æрсидтыты факттыл тугрæстдзинады хъуыддагы фæдагуырд райдыдта Михеил Саакашвили, Гиоргий Вашадзе, Ника Гварамия, Никанор Мелия, Зураб Джапаридзе, Елене Хоштария, Мамука Хазарадзе æмæ Бадри Джапаридзейы ныхмæ” – расидтис Гиоргий Гваракидзе.