Михеил Саакашвили – æз æрыхгæдтаин арæн æмæ Ираны иунæг æмбæстагы дæр не рбауагъдтаин Гуырдзыстонмæ
Ираны уæвæг уавæрмæ гæсгæйæ, æз æрыхгæдтаин арæн æмæ не рбауагъдтаин Ираны иунæг æмбæстагы дæр Гуырдызстонмæ – уый фæдыл Гуырдзыстоны экс-президент Михеил Саакашвили, «Мтавари Акцентеби»-йы интервьюйы рæстæджы райхъусын кодта.
Михаил Саакашвили куыд банысан кодта афтæмæй, зæгъгæ иранæй массонæй æрбацыд ныр у æгæр тæссаг.
«Ацы ситуацийы кæцы ныр Ираны ис, фыццаджы дæр ацы бонты æрхгæдтаин арæн æмæ Ираны иунæг æмбæстагы дæр не рбауагъдтаин Гуырдзыстонмæ, уымæн æмæ уый у тынг тæссаг бæстæйæн. Массон æрбацыд Иранæй ерын банымайын хъæуы тасыл. Нæ æдасдзинады системæ ерын у теракт цæхгæр кæрон скæнын хъом? Ныр сеппæтæй æнцондæр у, дæхи бахъахъæнай æмæ сæ арæныл ма рбауадзай. Ацы этапыл мах Ираны æмбæстæгтæн арæн хъуамæ æрыхгæнæм цыдæр рæстæгмæ. Ууыл дызæрдыг кæнын нæ хъæуы, уый тыххæй у паддзахад. Ныр та кæмæн æрыхгæнынц арæн, æрыхгæнынц æй политикон лигъдæттæн. Арæн сыхгæнын та хъæуы уыцы адæймæгтæн кæцытæ сты тæссаг. Трамп цалдæр хатт ракой кодта НАТО-ы ауæрæх кæнын Æввахс Скæсæны æрдæм æмæ уый ног фадат Гуырдзыстонæн. Трамп архайдта абсолютонæй раст æмæ адекватонæй»- райхъусын кодта Михеил Саакашвили.