Михеил Саакашвили - ацы парламент æмæ хицауады дæр адæм ныппырх кæндзысты
Гуырдзиаг адæм æрымбырд уыдзысты æмæ сæм сарæхсдзысты – ахæм дзуапп ратта Гуырдзыстоны раздæры президент, Украинайы реформæты æххæстгæнæг комитеты сæрдар Михеил Саакашвили Настоящее Время-имæ интервьюйы фарстыл – цы саразит уыцы цауы, кæд æмæ æвзæрстытыл «Иугонд Националон Змæлдæн» регистраци аивдзысты.
Экс-президенты дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстонмæ æрыздæхын хъавы, уымæн æмæ растдæр уыцы адæймаг у, кæцы йе мбæлттиæ иумæ, сарызта Гуырдзыстоны падзахаддзинад. Фæлæ фарстыл зæгъгæ йæ фæнды æви нæ ногæй президентæй суæвын, Михеил Саакашвили дзупп дæтты – зæгъгæ «Нæй. Æз кæддæриддæр æнцонтæй иу зæгъын нæйы кæцы фæнды постыл». Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ нæ тырны хыицаудзинадмæ нæдæр Гуырдзыстоны æмæ нæдæр Украинайы.
«Фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй дзурын нæй, ацы бæстæйы политикон процессты хайад исыныл» – хъусын кæны Саакашвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый йæхи фылдæр тренерæй, уынаффæтæ дæттæг уæнгæй уыны. Саакашвили куыд банысан кодта афтæмæй, æсхæнадæмон организациты уагъд параллелон бахыгъдмæ гæсгæйæ, оппозици æвзæрстытыл 60% , Иванишвили та 40% райстой.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ фыццаг къахдзæф у уый, цæмæй оппозици парламентмæ нæ бахызтис.
«Факт зонын, цæмæй алы оппозиционерæн уыдон 2-3 милуан доллары онг æнхъарыдысты. Иванишвили уыцы олигарх у, кæцы узурпаци скодта æнæрмæст Гуырдызстоны хицаудзинад, фæлæ ма æнæхъæнæй бæстæ дæр. Фæлæ дзыллæйы хъомысдарынад уый бæрцы стыр уыд, æмæ æхца райсын нал бакуымттой» – банысан кодта Саакашвили.