Михеил Хъавелашвили – Азербайджанимæ нын ис фæзминаг ахастытæ, Алиев афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй мах дæр хъуамæ уæм фæзминаг æмæ нæм уа ресурстæ, цæмæй алкæмæн равдисæм, цавæр размæцыдæн йæ бон у нæ регион
Михеил Хъавелашвили – Азербайджанимæ нын ис фæзминаг ахастытæ, Алиев афтæдæр хъуыды кæны, цæмæй мах дæр хъуамæ уæм фæзминаг æмæ нæм уа ресурстæ, цæмæй алкæмæн равдисæм, цавæр размæцыдæн йæ бон у нæ регион

Азербайджанимæ нын ис фæзминаг ахастытæ. Ильхам Алиев дæр хъуыды кæны, цæмæй мах хъуамæ уæм фæзминаг æмæ нæм уа ресурстæ, цæмæй алкæмæн дæр равдисæм, куыд гæнæн ис нæ регионæн рæза – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвили журналисттæн расидтис Азербайджанмæ йæ визитæн хатдзæгтæ кæнгæйæ.

Хъавелашвили бузныг расидтис азербайджайнаг фарсæн сæ уазæгуарзондзинады тыххæй.

«Мах развæлгъау фехъусын кодтам, цæмæй фыццаг визит куыд президент хъуамæ уыдаит нæ регионмæ. Æхсызгон мын у, цæмæй ацы визит сырæзт Азербайджаны. Куыд зонут афтæмæй, знон нын уыд бæрзонд æмвæзады фембæлд премьер-министримæ æмæ министртимæ», -расидтис Хъавелашвили.

Президент  куыд банысан кодта афтæмæй, экономикон, базарадон, энергетикон, культурон фарстыты æрдгæй, æмæ дунейы уæвæг политикон уавæры фоныл дæр ис аххосаг зæгъын, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн ахастытæ дæнцæгæн хæссинаг сты.

«Алкæмæн дæр йæ бон уыдзæн базонын, цы нысан кæны стратегион партнерад, дыууæ æмхуызон бæстæйы æхсæн хæлардзинад, цы нысан кæны кæрæдзийæн аргъ кæнын. Æппæт уыдæттæ æвдыст æрцыдысты алы æмвæзадыл дæр мæ балцы рæстæджы. Фæнды мæ ацы фадатæй спайда кæнын, цæмæй сын зæгъон мæ арф бузныг ахæм хъарм, æнтыстджын æрбацыд æмæ уазæгуарзондзинады тыххæй. Махæн æцæгæйдæр ис фæзминаг ахастытæ регионы” -расидтис  Хъавелашвили.