Михеил Батъиашвили – сахаты мидæг иу хатт нын уыдзæн коммуникаци скъолатимæ, кæд исты рискъытæ фæзындзæн, уæд уынаффæтæ æнæаргъæвгæйæ рахæсдзыстæм
Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæйы æмæ спорты министры Михеил Батиашвилийы фидиуæнæй, скъолаты уæвæг уавæры æрвылбойнонæй мониторинг кæндзысты æмæ уыцы цауы, кæд исты къахдзæф саразын бахъæуа, Батиашвилийы дзырдæй, министрад уынаффæ уайтагъд рахæсдзæн.
Министр куыд дзуры афтæмæй, абон, ахуыры процесс сабырæй райдыдта.
«Не рдыгæй æрвылбойнонæй, фактонæй алы сахаты мидæг иу хатт коммуникаци нын уыдзæн скъолатимæ æмæ кæд бæрæг рискъытимæ баст уыдзæн ахуыры процессы куыд цыд афтæ сывæллæтты æнæниздзинадæн æдасдзинад, æмбæлон мадзæлттæ æмæ уынаффæтæ рахæсдзыстæм, кæцы баст уыдзæн бынатыл сырæзт уаваримæ.
Министрады кусджытæ æрвылминутонæй баст сты ацы процессы. Кæд æмбæлон скуыддзæгтæ рахæсын бахъæудзæн, уæд æнæаргъæвгæйæ райсдзыстæм уынаффæтæ. Бафæдзæхсдзыстæм цæрджыты æмæ ныйарджыты дæр, фæлæ куыд æмбарæм афтæмæй, абон сæумæрайсом процесс сабырæй райдыдта æмæ сабырæй цæуы.
Сывæллæттæ скъолатæм æрыздæхтысты æмæ кæд исты уынаффæ рахæссын бахъæудзæн, уый фæдыл уын æнæаргъæвгæйæ фехъусын кæндзыстæм», – райхъусын кодта Батъиашвили.
Михеил Батъиашвили, ахуыргæнæндæттæм рекомендацийæ баздæхт, цæмæй вирустæй хибахизынæн, сæрмагонд хъусдард раздахой гигенæйы æрдæм.