Михеил Батъиашвили, Гуырдзыстоны ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министры бынат уадзы. Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр, Гиорги Гахариа хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ, Михеил Батъиашвили йæ куыст барвæнд куырдиатыл æнцойæ уадзы.
«Фарста кæцы мæ фæнды, сымахимæ иумæ банысан кæнон, уы нæ иуæй-иу коллегæйы, Михеил Батъиашвилийы æркуырд, хи куырдиаты бындурыл ныууадза ахуырады, спорты æмæ культурæйы министры бынат. Цæй зæгъын æй хъæуы фыццаджы дæр бузныг хъуамæ зæгъæм цытджын Михеил Батъиашвилийæн цы куыст сыххæст кодта уый тыххæй, уыцы системон æмæ иттæг нысаниуæгджын реформæ райдаыны кæцы хуыйны ауырады сиситемæйы реформæ æмæ цæй зæгъын æй хъæуы уыцы æнтыстыты тыххæй, кæцытæ нын фæстаг азты дæргъы уыд куыд спорты, афтæ культурæйы къабазы» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ахуырады реформæйæн хъæуы бирæ цырддæр æмæ эффектджындæр райтынг.
«Уымæй уæлдай ма, фæнды мæ банысан кæнын, цæмæй уыцы принциптæ кæцытимæ æмхъæлæсонæй разы стæм алчи, ома нæ бæстæйæн итæг ахсджиаг æмæ сеппæтæй нысаниуæгджын проблемæтæ сты куыст бынæттæ, ахуырад æмæ æдадсзинад, ацы æртæ ардæмадыл сцырын кæндзыстæм нæ хъусдард фылдæр. Сæрмагондæй та ахуырады системæон реформæйыл, кæцы домы бирæ цырддæр æмæ эффективондæр райтынг æмæ уырнæг дæн, коллегæтæ, бал, кæцы азуырады министрадæн абон къухдариуæг кæны ацы æрдæм адарддæр кæндзæн эффективон куыст» – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.
Гуырзстоны премьер-министр, Михеил Батъиашвилийы ивæгы ном нырма нæ бавдыста.