Михайло Подоляк – Украинæ цæттæ у уæлдæфон хæсты фæурæды фæдыл æруынаффæ кæнынмæ
Михайло Подоляк – Украинæ цæттæ у уæлдæфон хæсты фæурæды фæдыл æруынаффæ кæнынмæ

Украинæйы президенты аппараты сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Михаил Подоляк расидтис, цæмæй Украинæ цæттæ у уæлдæфы æхсты фæурæды фарстамæ æркæсын. Уый фæдыл уый италиаг медиимæ интервьюйы рæстæджы расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Украинайы хицауад цæттæ у уæлдæфы æхсты фæурæд сабырадон бадзырдты райдайæн этапыл банымайа.

«Украинæ цæттæ у ацы сценарийы реалон бадзырдты райдайæнæй нымайын, уымæн æмæ цыфæнды æхсты фæурæд, уæлдайдæр та иумæйаг, у райдайæн, кæцыйæ диалог ауадзын гæнæн ис» – райхъусын кодта Подоляк.

Уыимæ иумæ, Подоляк куыд банысан кодта афтæмæй, æвæццæгæн нæ нымайы, цæмæй Уæрæсе стратегион авиаци æмæ дронтæй массон пайда кæнын ныууадздзæн.

«Уæлдæфон бомбæтæ æппарын у сæйраг фæрæз, кæцыйы фæрцы Мæскуы æвзæрын кæны психологон æлхъывдад Украинæйыл æмæ æндавы нæ позицийыл» – райхъусын кодта Украинæйы президенты аппараты сæргълæууæджы уынаффæгæнæг.