Михайло Подоляк – Дæс æмæ æрдгæ мæййон хæсты фæстæ дæр Гуырдзыстоны хицауад не мбары кæй фарс хъуамæ  хæца
Михайло Подоляк – Дæс æмæ æрдгæ мæййон хæсты фæстæ дæр Гуырдзыстоны хицауад не мбары кæй фарс хъуамæ хæца

Украинайы  президенты администрацийы  уынафæгæнæг  Михайло Подоляк Гуырдзыстон Киевæм зенитон-ракетон комплекс  «БУК»-ы алæвæрдыл нæзагъд куы ракодта, уый кой кæны.  «Головановимæ» интервьюйы, уый Украина-Гуырдзыстоны ахастытыл  фæныхас кодта.

«Гуырдзыстонмæ мын тынг  æнæхине  ахаст ис. Ис гуырдзиаг адæм, фæлæ уый хъыгагæн,  тыхджын фæрæдыд, иу рæстæджы  ахæм хицауад куы сывзæрста, уæд.  Иванишвилийы  номыл  хицауад, кæцы уæрæх цъынд цæстытæй  кæсы Уæрæсе  Федерацимæ æмæ уымæй æнхъæлмæ кæсы  цавæрдæр энергетикон фарстатыл  уынаффæтæм, 2008 азы  хæст мауал адарддæр кæнынмæ, кæнæ  гуырдзиаг территориты оккупацийы  адарддæрмæ», –  райхъусын кодта Подоляк.

Йæ дзырдæй,  зæгъгæ  Гуырдзыстоны ахæм хицауадимæ æрнызас кæнын гæнæн нæй, уымæн æмæ   «уыдон æндæр реалондзинады сты».

«Хæсты дæс æмæ æрдæг мæйы фæстæ дæр  не мбарынц, кæй фарс  хъуамæ  хæцой», –   банысан кодта Подоляк.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны тынг диссаг  уавæр сырæзт –  хицауад  уырыссаг хæзнаты фарсхæцæг у, кæцы  «æндæрты  территорийыл, уый нымæцы  уæ территоримæ  барсын»  дары йæ хъуыдыйы, фæлæ  иурæстæгонæй  йæ  фæнды Европаг базартæ æмæ æхца сын уа рæувадат.

«Ис ахæм бæстæтæ, цахæм дæр у Гуырдзыстон, æмæ уый тынг   диссагæй уыдзæн  фыст   историйы, ома Гуырдзыстон 2022-2023 азты хицауад, кæцы 2008 азы  уырыссаг шовинистон элитайы  бырсты бын уыд, дарддæр кæны Украинамæ Уæрæсейы Федерацийы экспансионизмæй Европæйы ссæррибары процессмæ æнæцыт ахасты æвдисын,  гъе гуырдзиæгтæ  стæй  ацы  хъуыдимæ  цæрæт», –  банысан кодта Подоляк.