Михаил Хъавелашвили фембæлд Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Джейхун Байрамовимæ
Михаил Хъавелашвили фембæлд Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр, Джейхун Байрамовимæ

Гуырдзыстоны президент Михаил Хъавелашвили Азербайджаны республикæйы æттаг хъуыдтæгты министр Джейхун Байрамовимæ фембæлд. Уый фæдыл информаци президенты администраци парахат кæны.

Администрацийы информацимæ гæсгæ, фембæлдыл ныхас цыд бæстæты æхсæн уæвæг хæларадон, партнерон æмæ экономикон ахастыты фæарфдæр кæныны æмæ размæцыды перспективæтыл æндæр æмæ æндæр здæхтыты.

Гуырдзыстоны президенты ныхасмæ гæсгæ, дыууæ бæстæйы æхсæн хæлардзинад æмæ æнгом æмкуыстдзинады модель дæнцæгæн хæссинаг у, кæцы бындуриуæг кæны æууæнкдзинадыл, кæрæдзийæн цыт кæныныл, æмхуызондзинадыл æмæ бæстæты националон интерестæ бакастæй. Михаил Хъавелашвили азербайджайнаг фарсæн ноджы иу хатт бузныг расидтис Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн æнæфæцудгæ фарсылхæцындзинады тыххæй.

«Азербайджаны фæсарæйнаг хъуыддæгты министримæ мын уыд дзæвгар æнтыстджын фембæлд.Куыд зонут, афтæмæй мах æмæ Азербайджан стæм стратегион партнертæ.Иумæйагæй архайæм тынг нысаниуæгджын проектты, æмæ афтæдæр разы стæм бирæ фарстатыл.Экономикæйы æрдгæй мах æххæст кæндзыстæм бынтон цымыдисон проекттæ.Алы хатт дæр банысан кæнæм, цæмæй нæ ахастытæ Азербайджанимæ сты дæнцæгæн хæссинаг, цæмæй ацы ахастытæ дарддæр дæр æнхъæлмæ кæсæм фидар кæнын æмæ рæзын кæнын», — загъта Президент фембæлды кæронбæттæны.

Фембæлдыл Михаил Хъавелашвили куыд банысан кодта, афтæмæй Гуырдзыстон æнæфæцудгæйæ æххæст кæны Хуссар Кавказы дæргъвæтин, æнæфæцудгæ сабырад æмæ стабилондзинад сфидар кæнын æмæ цæттæ у дарддæр дæр йæ хайбавæрд бахæссын ацы процессмæ куыд бахъæуа, афтæ.