Миграцион управленийы æмæ арæнгæрон пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой æхсæз фæсарæйнаг æмбæстаджы, кæцытæ уыдысты Гуырдзыстоны æнæ барадон бындуртæй
Мидхъуыддæгты министрады миграцион управлени æмæ арæнгæрон пъæлицæйы иумæйагæй райсгæ вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн æдæппæтæй ахст æрцыдысты Турчы, Ираны, Иракы, Непалы æмæ Египеты æхсæз æмбæстаджы.
Сбæлвырд ис, цæмæй ахст адæймæгтæ бæстæйы уыдысты æнæ юридикон бындурæй, Гуырдзыстоны «Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон гоймæгты юридикон уавæры фæдыл» закъон хынцгæйæ. Уыдон æнæзакъонæй спайда кодтой æмбæхсæн процедурæйы нысангонд уавæртæй æмæ æнæ юридикон бындуртæй бирæ азты дæргъы баззадысты бæстæйы.
Ахстгондтæ нæ спайда кодтой ссæрибар кæныны уынаффæйы банысангонд æмгъуыдтæй, кæцы йæ зæрдыл дары бæстæйæ барвæндонæй ацæуын, цæй фæстиуæгæн мидхъуыдтæгты министрады миграцион департамент снысангонд адæймæгты ахсты фæдыл уынаффæ райста.
Уынаффæ сæххæст кæныны нысанæн, ахст адæймæгтæ ныртæккæ сты Миграцион управленийы рæстæгмæ цæрæнуæтты центры, цæмæй фæстæдæр сæ равзæрды бæстæмæ æрыздæхой.