Миграцион уагдоны кусджытæ Гуырдзыстонæй 44 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардтой
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады миграцион департаменты кусджытæ, министрады æмбæлон дæлхайæдтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, фæстаг бонты мидæг Гуырдзыстонæй 44 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой.
Мидхъуыддæгты министрады информацимæ гæсгæ, миграцион департаменты æрдыгæй райсгæ вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн бæстæйæ æдæппæт Турк, Азербайджан, Иран, Иордани, Пакистан, Китай, Уæрæсе, Сомихстон, Нигери, Туркменистан, Гана, Ирак, Йемен, Египет æмæ Ливаны 44 æмбæстаг сырæзт.
«Бæрæггæнæн у, цæмæй фæстаг мæйы мидæг вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн, бæстæйæ 152 фæсарæйнаг æмбæстаг сырæзт, æмæ цæугæ азы бæрæггæнæн нысаниуæгджынæй фылдæр у фæстаг цалдæр азы мидæг ссæрибаргонд адæймæгты иумæйаг нымæцæй, кæцы, ныртæккæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 1131 адæймагмæ ахызт.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. Йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты сбæрæг кæнын, кæцытæ сты Гуырдзыстоны æнæ юридикон бындурæй æмæ сæ ссæрибар кæнын Гуырдзыстонæй интенсивон иммиграцион контролы æмæ æндæр мадзæлтты фæрцы», -ис фыст МХъМ-йы расидæны.