Миграцион департамент Гуырдзыстонæй фæсарæйнаг бæстæты 91 æмбæстаджы ратардта
Мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент ацы азы ноябрь-декабры бæстæйæ ратардта æндæр æмæ æндæр бæстæты 91 æмбæстаджы.
Минитсрады информацимæ гæсгæ, сæ хай Гуырдзыстонæй барвæндонæй ныууагътой депортацийы процедурæйы фæлгæтты, сæ хай та миграцион департаменты райсгæ мадзæлтты фæстиуæгæн тыхæй ратардтой Гуырдзыстонæй.
«Æмбæлон закъондæттынадмæ гæсгæ ноябр-декабры бæстæйæ атардтой Иран, Алжир, Инди, Марокко, Шри-Ланка, Египет, Пакистан, Нигери, Ирак, Турк, Азербайджан, Уæрæсе, Туркменистан æмæ æндæр бæстæты æмбæстæгты.