Миграцион департамент Гуырдзыстонæй 39 фæсарæйнаг æмбæстаджы атардта
Мидхъуыддæгты министрады миграцион уагдоны кусджытæ, министрады æмбæлон дæлхайæдтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, фæстаг бонты дæргъы Гуырдзыстонæй 39 фæсарæйнаг æмбæстаджы ратардтой. Ай фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кодта.
Сæ информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстонæй а.х.
«Миграцион департаменты æрдыгæй райсгæ вазыгджын мадзæлтты фæстиуæгæн бæстæйæ атардтой Индийы, Турчы, Бангладешы, Китайы, Ираны, Уæрæсейы, Кенийы, Туркменийы, Пакистаны, Египеты, Нигерийы, Суданы, Сьерра-Леонейы, Иорданийы æмæ Узбекистаны 39 æмбæстаг.
Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, ссæрибаргонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуыны фадат уыд.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. Йæ компетенцитæй иу у фæсарæйнаг æмбæстæгты сбæрæг кæнын, кæцытæ сты Гуырдзыстоны æнæ юридикон бындурæй æмæ сæ иммиграцион контролы æмæ æндæр сæрмагонд мадзæлтты фæрцы Гуырдзыстонæй ссæрибар кæнын», -ис фыст МИА-йы расидæны.