Миграцион департамент æмæ арæнгæрон пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой 14 фæсарæйнаг æмбæстагы, кæцытæ æнæзакъонæй уыдысты Гуырдзыстоны
Миграцион департамент æмæ арæнгæрон пъæлицæйы кусджытæ æрцахстой 14 фæсарæйнаг æмбæстагы, кæцытæ æнæзакъонæй уыдысты Гуырдзыстоны

Мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент æмæ арæнгæрон полицийы  иумæйаг  мадзæлтты фæстиуæгæн æдæппæтæй ахст æрцыдысты Бангладеш, Турк, Узбекистан, Азербайджан æмæ Мароккойы 14 æмбæстагы. Уый фæдыл информаци мидхъуыддæгты министрад парахат кæны.

«Сбæлвырд ис, цæмæй ахст адæймæгтæ бæстæйы уыдысты æнæ юридион бындурæй, Гуырдзыстоны закъон «Фæсарæйнæгты æмæ æнæпаддзахадон гоймæгты юридион уавæры фæдыл» гæсгæ. Уыдон æмбæхсæн процедурæйы нысангонд уавæртæй æнæзакъонæй спайда кодтой æмæ æнæ юридион бындурæй азты дæргъы бæстæйы уыдысты.

Ахстгондтæ нæ спайда кодтой ссæрибар кæныны уынаффæйы банысангонд æмгъуыдтæй, кæцы йæ ​​зæрдыл дары бæстæйæ барвæндонæй ацæуын, цæй фæстиуæгæн мидхъуыдтæгты министрады миграцион департамент снысангонд адæймæгты ахсты фæдыл уынаффæ райста.