Миграцийы департамент, Гуырдзыстонæй 63 фæсарæйнаг æмбæстагы арвыста
Мидхъуыддæгты министрады миграцийы департаменты кусджытæ, æмбæлон дæлхайæдтимæ æнгом координацийы фæлгæтты, фæстаг бонты дæргъы Гуырдзыстонæй 63 фæсарæйнаг æмбæстагы арвыстой. Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацимæ гæсгæ, ацы аз Гуырдзыстонæй депортацигонд адæймæгты иумæйаг нымæц уыд 1302 адæймагы.
«Миграцион департаменты æрдыгæй уагъд мадзæлтты фæстиуæгæн бæстæйæ æрвыст æрцыд Турк, Инди, Китай, Уæрæсе, Нигери, Туркменистан, Иордани, Ирак, Пакистан, Египет, Казахстан, Азербайджан, Бурунди, Замбийы, Сауды Аравийы æмæ Суданы æдæппæт 63 æмбæстаг.
Ныртæккæйы закъондæттынадмæ гæсгæ, депортацигонд адæймæгтæн бæстæмæ æрбацæуыны фадат нал ис.
Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады миграцион департамент бæстæйы мидæг æнæлегалон миграцийы ныхмæ тохы бæрнон орган у. Йæ компетенцитæй иу у, интенсивон иммиграцион контролы æмæ æндæр специалон мадзæлтты фæрцы, Гуырдзыстоны чи ис, уыцы фæсарæйнаг æмбæстæгты рабæрæг кæнын æмæ сæ ссæрибар кæнын», -ис фыст мидхъуыдтæгты министрады фидиуæны.