Мидхъуыдтæгты министрад – туркаг æфсæддон хæдтæхæг æрхауд Сигънагъы муниципалитеты, Гуырдзыстоны арæнæй 5 километры дæрддзæгæй
Гуырдзыстоны паддзахадон арæнæй фондз километры дæрддзæгæй, Сигънагъы муниципалитеты,Турчы æфсæддон хæдтæхæг æрхауд. Фыццаг информацимæ гæсгæ, уый Азербайджанæй Туркмæ тахт – уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министрады расидæны ис фыст.
Фидиуæны куыд банысангонд у афтæмæй, инциденты фæдыл фæдагуырд цæуы тугрæстдзинады кодексы 275-æм статийы 4-æм хаймæ гæсгæ, кæцы амоны уæлдæфон транспорты æдасдзинад кæнæ эксплуатацийы уагæвæрдты хæлдмæ, кæцыйы фæстиуæгæн адæймаджы цард фесæфт.