Мидхъуыдтæгты министрад – полицийы тыхты æххæстгонд мадзæлтты фæстиуæг, парламентмæ бацæуæнтæ сæрибар сты

Уый фæдыл Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты минстрады фидиуæны ис фыст.

«Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министирады патрулон полицийы департменты бæрнонтæ парламенты бæстыхаймæ æввахс территорийыл уæвæг акцийы организатортæ æмæ хайадисджытæн ратта рæстæг, цæмæй парламентмæ бацæуæнтæ æссæрибар кодтаиккой æмæ фæндагы хай, кæцы уыд блокиргонд.

Мидхъуыдтæгты министрады официалон æрбадæттæгтæм гæсгæ, парламенты цур акцийыл 28 уæнг æрцахстой, æртæ адæймаг фæцæф

Министрады фидиуæнмæ гæсгæ, патрулон полицийы департамент æмæ бынæттон хицауады бæрнонтæ парламенты бæстыхаймæ æввахс территорийыл уæвæг акцийы организатортæ, хайадисджытæ бафæдзæхстой æмæ сын раттой рæстæг, цæмæй территорийæ ацыдаиккой æмæ æссæрибар кодтаиккой бæстыхаймæ бацæуæнтæ.

«Акцийы хайадисджытæ ницæмæ æрдардтой барадхъахъхъæнджыты фæдзæхст. Уагдоны информацимæ гæсгæ, бæстыхаймæ бацæуæнтæ ацы рæстæгмæ сæрибар сты. Полици сиды алы æмбæстагмæ бахъахъхъæна законæй лæвæрд æркуырдтæ.

Мидхъуыдтæгты минитрад алы архайдыл законон реагирдзинад сыххæст кæндзæн.