Мидхъуыдтæгты министрад наркотикты аххосагæй 15 адæймагы æрцахста, уæлдай стыр нымæцæй наркотиктæ та ист æрцыд
Мидхъуыдтæгты министрады Тбилисы, Аджарийы, Самцхе-Джавахеты, Имереты æмæ Квемо Картлийы полицийы департаментты кусджытæ æндæр æмæ æндæр рæстæджы наркотикон фыдракæндты аххосагæй 15 адæймагы æрцахстой. Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Уагдоны информацийæ, ахстгондты æхсæн сты куыд Гуырдзыстоны, афтæ фæсарæйнаг æмбæстæгтæ, афтæ дæр раздæры тæрхонгонд адæймæгтæ, кæцыты аххосджын кæнынц стыр æмæ уæлдай стыр бæрцæй наркотикон препараттæ æнæзакононæй балхæныны æмæ æвæрыны æмæ сæ уæй кæнынæн æнцонвадат кæныны хъуыдтагы.
«Азымджынты сæрмагонд, цæрæн æмæ æххуысгæнæг æвæрæнты басгæрсты фæстиуæгæн, афтæ ма уагъд фæдагуырдон эксперименты рæстæджы барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ æрцахстой уæй кæнынмæ цæттæгонд алыгъуызон наркотикты хуызтæ, уыдон æвдисæнæн цы бынæттæ равдыстой, уыдонæй, уыцы нымæцы: «хус марихуанæ», «мефедрон», «кокаин», «альфаин», «тебаин» æмæ «бупренорфин».
Ауагъд фæдагурæн мадзæлтты фæстиуæгæн систой наркотиктæ æфснайынæн æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ æмæ, æвæццæгæн, наркотиктæ уæй кæныны фæстиуæгæн райсгæ æхца.
Фæдагуырд уагъд цæуы уголовон кодексы 260-æм статьятæм гæсгæ, кæцытæ 20 азы онг кæнæ та цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын дары йæ зæрдыл» – ис фыст мидхъуыдтæгты министрады расидæны.