Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой 22 адæймаджы наркотикон фыдракæндты тыххæй, уыдонæй 19 сты наркотиктæ уæйгæнджыты
Фæстаг рæстæджы оперативон мадзæлттæ æмæ фæдагурæн архайдтыты фæстиуæгæн, мидхъуыдтæгты министрады централон криминалон полицийы кусджытæ, Тбилисы, Самегрело-Земо Сванеты, Ацъарайы, Имереты æмæ Шида Картлийы департаментты генералон прокуратурæимæ иумæ, наркотикты фыдракæндты аххосагæй 22 адæймагы æрцахстой, се æхсæн 19 наркоделист.
Уый фæдыл информаци мидхъуыдтæгты министрад парахат кæны.
Сæ информацимæ гæсгæ, ахст сты Гуырдзыстоны, афтæ дæр Уæрæсейы, Азербайджаны, Молдовæйы æмæ Турчы æмбæстæгтæ.
«Наркотикты аххосагæй ахст адæймæгты хисæрмагонд æмæ цæрæн хæдзæртты басгæрсты рæстæджы, барадхъахъхъæнджытæ ма ссардтой уæлдай стыр бæрц алыгъуызон наркотикты хуызтæ сæ нысангонд бынæттæй, уыцы нымæцы: «героин», «амфетамин», «субоксин», «бупренорфин», «альфа-ПВП», «метадон» æмæ «марихуана».
Фæдагуырды фæстиуæгæн, пъæлицæйæгтæ бæлвырдгæнæнæн байстой æхца, лентæ æмæ электрон тарелкæтæ, кæцытæ, дам, райстой наркотикты уæй кæнынæй.
«Фæдагуырд цæуы Гуырдзыстоны уголовон кодексы 260, 18-260, 19-260 æмæ 273 статьятæм гæсгæ», – ис фыст МХМ-йы расидæны.