Мидхъуыддæгты министрад 21-æм марты Тбилисы автотранспорты змæлды арæнæвæрдты фæдыл информаци парахат кæны æмæ æмбæстæгтæм сидынц автомобилты  скъæрынæй сæхи фæуромой
Мидхъуыддæгты министрад 21-æм марты Тбилисы автотранспорты змæлды арæнæвæрдты фæдыл информаци парахат кæны æмæ æмбæстæгтæм сидынц автомобилты  скъæрынæй сæхи фæуромой

Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы, Илиа Дыгкагы мæлæты фæдыл, 21-æм марты æнæхъæн Тбилисы масштабæй транспорты змæлдæн арæнæвæрдтæ сырæздзæн.

Мидхъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, арæнæвæрд хаудзæн куыд сæрмагонд автомобилтæм, афтæ дæр муниципалон транспортмæ.

«21-æм марты 15:00 сахатæй 00:00 сахатмæ æнæхъæнæй тобæгонд уыдзæн транспорты змæлд ахæм здæхтыты:

Сæрибары фæз, Шалва Дадианийы уынг (здæхт ивы); Руставелийы проспект – Сæрибардзинады фæзæй Республикæйы фæзуатмæ; æппæт уынгтæ, кæцытæ иу кæнынц Руставелийы проспект; Метехийы хид, Европæйы фæзуат; Бараташвилийы хид, Бараташвилийы хох; Кетеваны Дедоплийы проспект – уазæгдон «Метехи»-йæ метройы станцæ Авлабарийы онг; Авлип Зурабашвили æмæ Телавийы уынгтæ, Цурцумиайы уынг, Ахвледианийы фæзуат. Ацы рæстæджы дæргъы уыдзæн æндæр маршруттæ: Сололакийæ хæдтулгæтæ цæудзысты Асатианийы уынгыл Горгасалийы уынджы æрдæм; Земо Верайы фæндагыл змæлæг хæдтулгæтæн сæ бон уыдзæн ацæуын Барновы уынгыл Гордувади Багийы æрдæм, афтæ дæр Барновы уынгæй Меликишвилийы проспекты æрдæм æппæт алыварс уынгты уылты; хæдтулгæтæ Къоте Абхазы уынгæй Шалва Дадианийы уынгмæ ахиздзысты (Сæрибары фæзы змæлд бынтон тобæгонд у); хæдтулгæтæ Лермонтовы æмæ Мачабелийы уынгты уылты Леонидзейы уынгмæ ацæудзысты, кæцæй та адарддæр кæндзысты сæ змæлд Сололакийы æрдæм; хæдтулгæтæ, кæцытæ змæлынц Кетеваны Дедоплийы проспектыл, сæ бон уыдзæн ацæуын уазæгдон «Шератон Метехи Палас»-мæ, уырдыгæй адарддæр кæндзысты сæ змæлд Бочъормийы уынгыл SOCAR-ы централон офисы æрдæм. «Уымæй уæлдай ма  Самебайы  кафедралон аргъуаны алыварс уынгты уæвæг арæнæвæрдтæ дæр сæ тыхы сты» – ис фыст  министрады фидиуæны.