Метью Брайза - хъуыды кæнын, хузыдæр уайид, цæмæй алы оппозицион парти, иупроцентон барьерыл чи ахызт, парламентмæ куы бацæуид уæд
Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр уыдзæн алы оппозицион парти, иупроцентон барьерыл ахызтис, парламентмæ куы бацæуит уæд – уый фæдыл АИШ-ы паддзахадон нымæрдары хæдивæг, Метью Брайза «Интерпрессньюсæн» загъта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ æндæр æмæ æндæр аргълæвæрдтæй, æвзæрстытæ конкуретон æмæ сæрибар уыд, афтæдæр хорз у, æвзарæнон ивддзинæдтæ кæй æрфидар сты.
«Æвзæрстыты фæдыл æндæр æмæ æндæр – ЕÆÆО-ы Америкæйы Иугонд Штатты минæварады, æндæр æмæ æндæр Европаг цæстдарджыты аргълæвæрд бакастæн. Хатдзæг уыдис уый, цæмæй æвзæрстытæ уыд конкурентон æмæ æмтгæй зæгъгæйæ, сæрибар, фæлæ афтæдæр, сагъæс уыд законхæлдыл, цахæмдæр у тасыæфтауын, хъæлæсты балхæд, администрацион ресурсты æнæрастæй пайда кæнын æмæ уыцы æнæрастдзинад, цæмæй иу партимæ ис æгæр бирæ æхца. Афтæмæй бæрæг у, системæ фæхуыздæр кæнын хъæуы» – банысан кодта Брайза.
Уый ма афтæдæр дзуапп ратта «Интерпрессньюсы» дзуаппæн оппозицион партиты протесты фæдыл æмæ банысан кодта, цæмæй сæ лидерты бæсты парламентмæ бацыдыл нæй нæ загътаит.
«Куыд федтон, оппозицион партиты минæвæрттæ протест кæнынц æмæ дзурынц, цæмæй законы хæлдтытæ уый йас серьозон уыд, æмæ æвзæрстытæ фæлывдмигæнгæйæ ацыд. Бирæ фарст ис, фæлæ æмтгæй зæгъгæйæ, æхсæнадæмон цæстдарджытæ куыд загътой афтæмæй æвзæрстытæ уыд конкурентон æмæ æмтгæй зæгъгæйæ сæрибар. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыдæр уайид, оппозицион партитæ 1-%-ы барьерыл чи фæтых ис, парламентмæ куы бацæуит. Уый Гуырдзиаг политикæйы æмæ демократийы ноджы конкурентджын дæр скæндзæн, уымæ гæсгæйæ дæо «Гуырдзиаг Бæллицц» фылдæр бæрнон хъуамæ уа æппæт бæстæйы раз, кæд парламенты ахæм ивд уыдзæн уæд. Афтæдæр мæ хъуыдыйы дарын, цæмæй мæнæн куы уайид парламентмæ бахизыны фадат, уæд цæ зæгъын æй хъæуы спайда кæнин, уымæн раст уый у демократи. Æмбарын сæ протест æмæ уый зæгъын, цæмæй æвзæрстытæ рæстаг нæ уыд, фæлæ уæддæр хъуыды кæнын, цæмæй демократийы партийыл куы цæуы ныхас уæд, бæрнон у æвзæрстгæнæджы раз, цæмæй сæ барты сæрыл рахæца парламенты. Афтæмæй æз рахатыдаин парламентмæ бцæуыны æмæ ме взæрстгæнæджы интерестæ ауадзыны бæрн. Фæлæ æмбарын, Гуырдзыстон рæзгæ демократон системæ у æмæ алы лидерæн йæ бон у ахицæн кæны, куыд айзæлын кæна йæ протест» – райхъусын кодта Метью Брайза.