Мераб Къоставайы мемориалон хæдзары музейы реабилитаци кæронмæ æрхæццæ [фото]
Адæмон хъæбатыр Къостава Мерабы мемориалон хæдзар-музейы реабилитаци кæронмæ æрхæццæ.
Абон хæдзар-музей официалонæй байгом кодтой премьер-министр Ираклий Къобахидзе, парламенты сæрдар Папуашвили Шалва, культурæйы министр Тика Рухадзе æмæ Тбилисы мэр Каха Къаладзе.
“Бæстыхай уыд критикон æмæ æдзæллаг уавæры, кæрт та уыд æнæхъусдард. Тынг æхсызгон мын у, нæ бон кæй ссис ацы фæзуат бынтондæр сног кæнын æмæ хæрзарæзт кæнын. Ивгъуыд аз кæронмæ баххæст кодтам бæстыхайы фидаргæнæн æмæ реставраци. Уымæй уæлдай ма балхæдтам йæ фарсмæ цы зæхх ис, уый сæрмагонд хицæуттæй, уый фæстæ райдыдтой хæрзарæзтады куыстытæ, цæмæй абон æрцæуæм уазджытæм Стармузейы хæдзар. æхсызгон у ацы нысаниуæгджын проекты хай уæвын. Иумæйагæй сисгæйæ, мах сæрмагонд хъусдард здахæм музейтæм, медиабиблиотекæтæм, æмæ библиотекæтæм Бирæфункционалон комплексты арæзтад дæр адарддæр уыдзæн, уымæн æмæ горæтæн максималонæй фылдæр ахæм фæзуæттæ хъæуы», -расидтис Каладзе. Тбилисы мэрийы информацимæ гæсгæ, музейы историйы фыццаг хатт уыд бындурон ремонт æмæ инфраструктурæйы рацарæзт, уымæн æмæ бæстыхай æмæ равдыстон фæзуæттæ нырыккон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдтой.
Реставрацийы фæстиуæгæн музейы фæзуат зынгæ фæфылдæр. Ацы азы майæ фæстæмæ активон куыст райдыдта, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм ног равдыст саразыныл. Музей ифтонггонд æрцыд нырыккон кусæнгæрзтæй æмæ технологитæй, кæцытæ дæттынц гæнæн хуыздæр равдисын Къостава Мерабы цард, сфæлдыстад æмæ роль Гуырдзыстоны нырыккон историйы. Арæзт æрцыд нырыккон ахуырадон фæзуат æмæ æхсæнадæмон стандартты æвæрæн, кæцыйы фæрцы 20 000 экспонатæй фылдæр æмбæлон æгъдауæй æвæрд цæуынц.
Уымæй уæлдай ма, проекты фæлгæтты, музейы кæрт æрцыд æфснайд — рауæрæх æмæ раивтой уазæгæн æнцонвадат бынат.
Мемориалон хæдзар-музейы реабилитацийы проекты аргъ уыд 1 740 000 ларийы.
Мэры хæдивджытæ, Басилая Андрия æмæ Абуладзе Каха; Ираклий Гвилава, горæты культурæйы, ахуырады, спорты æмæ фæсивæды хъуыддæгты фæдыл департаменты сæргълæууæг; Диаури Гига, Тбилисы музейты ассоциацийы генералон директор; Киркъитадзе Давид, Мтацъминдайы районы сæргълæууæг; æмæ парламенты æмæ горæтон советы уæнгтæ базылдысты Мераб Къоставайы мемориалон хæдзары музеймæ. 








