Медлин Мун - Адæймæгтæн ис хъуыды равдысты бар, фæлæ сæ хъуыды хъуамæ равдисой закъоны фæлгæтты
Адæймæгтæн ис хъуыды равдысты бар, фæлæ сæ хъуыды хъуамæ равдисой закъоны фæлгæтты, – уый фæдыл журналисттæн НАТО-йы парламентон ассамблейы президент, Медлин Мун проуырыссаг тыхты фæтыхджындæры фæдыл фарсты дзуаппæн загъта.
«Сегасæй тæссаг, демократийы цы ис гæнæн саразын, у уый æмæ, хъуыды кæнай, цæмæй демократийыл бæрнон сты политиктæ. Ай афтæ нæу. Уый у Алы æмбæстагы бæрн. Алы æмбæстагмæ ис бар байхъуса æмæ анализ скæна информацийæн. Сеппæтæй стыр рискъ демократийæн у уый, цæмæй мах æхгæнæм дебаттæ. Сымахæн æцæгдæр ис стыр быцæусидтытæ æмæ уын сæйраг у уый, цæмæй куыд бахъахъъхæндзыстут ацы аргъдзинæдтæ æргом медийæ, æргом политикъон дискуссийæ æмæ уыцы хъæлæс байхъусынæй, кæцыимæ сымах абсолютонæй нæ разы кæнут. Хуымæтæг фæндаг у сæ басус кæнын, фæлæ тынг зæндджын у æрбайсай фæтк. Уойæ, адæймæгтæм ис хъуыды равдысты бар, фæлæ сæрмагонд хъуыдытæ равдисæт закъоны фæлгæтты», – райхъусын кодта НАТО-йы парламентон ассамблейы президент Медлин Мун.