Медийы хъусинагæй, Украинайы арæны хъахъхъæды куысты Михеил Саакашвилийы бæстæйæ рацыды фактыл мидуагдонон фæдагуырд райдыдта
Украинаг медийы хъусинагæй, Украинайы арæны хъахъхъæды куысты Саакашвили Украинайы территорийæ куыд рахызтис, уыцы фактыл райдыдта мидуагдонон фæдагуырд. Уый фæдыл украинаг рауагъдад « Цензор» сæрмагонд ратæдзæныл æнцойæ хъусын кæны.
«Фыццаг октябры Гуырдзыстоны æрцахстой бæстæйы раздæры президент Михеил Саакашвилийы, кæцы агуырды уыд тугтæрхоны кодексы æртæ статийæ æмæ йыл бакодтой ног хъуыддаг – Гуырдзыстоны паддзахадон арæны æнæзакъононæй рахизыны аххосагæй», – фыссы «Цензор-нет»-ы редактор Юрий Бутусив.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй Украинайæ Саакашвилийы рацыды фактыл мидуагдонон фæдагуырд райдыдта Украинайы арæны хъахъхъæды куыст дæр, уымæн æмæ Саакашвилийы Украинайы рацыд никуы фиксир кæны. «Цензор-нет»-ы информацийæ, æрцæугæйы тыххæй рæстæгмæ аскуыдтой йæ кусæн æххæстбартæ Украинайы арæны хъахъхъæды куысты Одессæйы уагдоны хистæрæн æмæ Украинайы хицауад тыхыбын бауыдзæн æмбарынгæнæнтæ раттын Гуырдзыстоны хицауадæн, цæмæй куыд æрцыд Саакашвили Гуырдзыстоны афтæ, æмæ уыйы украинаг арæнхъахъхъæджытæ нæ фæфиппайдтой.