Медийы  хъусинагæй, Уæрæсейы  тæрхондон æрыхгæдта  терминал, кæцыйы уылты Хъазахæй Европæмæ  нефты транзит цыдис
Медийы хъусинагæй, Уæрæсейы тæрхондон æрыхгæдта терминал, кæцыйы уылты Хъазахæй Европæмæ нефты транзит цыдис

Уæрæсейы  тæрхондон  æрыхгæдта терминал, кæцыйæ Хъазахæй  Европæмæ  нефты транзит  цыдис.  Новороссийскы  Приморскы  районон  тæрхондоны  уынаффæйæ,  «Каспийы  хæтæлвæды  консорциум» 30 боны  дæргъы  нæ кусдзæн.

Уый æфсонæн бавдыст у, тæссаг  кондадон  объектты техникон  уавæрæн «Ространснадзоры» аргълæвæрды  рæстæджы   рабæрæггонд аиппытæ æмæ сæ  эксплуатацийы  экологион  домæнты æххæст кæнынад .

Каспийы  хæтæлвæды консорциум  Хъазахаг нефты  аласыны сæйраг маршрут у, кæцыйыл бæстæйы   нефты  80-æй фылдæр цæуы.  Хæтæлвæды  хъомад  67 милуан  тоннæ у  афæдзы мидæг.

Медиа куыд фыссы афтæмæй, Хъазах, кæцымæ  нефты  стыр фæстауæрц ис, Каспийы денджызæй  дарддæр нæу  рæувадат  денджыз æмæ  нефты  экспорт фылдæр æххæст цæуы   Сау Денджызы Новороссийскы  терминалы уылты.

Украинаг медийы хъусинагæй, Украинайы  хæсты  тыххæй,   фæстаг рæстæджы  Уæрæсе æмæ Хъазахы  æхсæн  æнæразыдзинад æрцыд.  Хъазахы  президент  Хъасым Жомарт Тохъаев  райхъусын кодта, цæмæй  къаддæр гæнæн ис  Хъазахы æрдгæй  а.х. Донецк æмæ Луганскы  адæмон республикæты  хæдбарад банымад.