Медийы хъусинагæй, Тунисы раздæры президент Зин эл-Абидин бен Али æрбамард
Тунисы раздæры президент Зин эл-Абидин бен Али 83 аз кары æрбамард. Информацийы хуъсын кæны агентад «Ройтер» тунисаг медийыл æнцойæ. Ахæлиугонд информацийæ, Бен Али Сауды Аравийы амардис.
Зин эл-Абидин бен Али Тунисæн йæ сæргъ лæууыд 1987-2011 азты. Уый бæстæййæ «арабаг уалдзæджы» фæзындты номæй бæрæг массон демонстрациты рæстæджы алыгъд æмæ Сауды Аравийы æрбынат кодта. 2012 азы Тунисы æфсæддон трибунал йын фæсаууонмæ, протестон акцийы ныссæндыны рæстæджы демонстрантты марындзинады аххосагæй, цæрæнбойнон ахст стæрхон кодта.