Медийы информацийæ, Ираны ракетон бабырсты фæстиуæгæн, Израилы бæрзонд цæрæн хæдзары баллистикон ракетæ æрхауд, мард æмæ цæфтæ ис, ирвæзынгæнæн операци дæр цæуы
Израилы горæт Бат Ямы, Ираны æрдыгæй ракетон бабырсты фæстиуæгæн цыппар адæймаг фæмард æмæ 120-йæ фылдæр фæцæф сты. Бынæттон медийы информацийæ, баллистикон ракетæтæй иу бæрзонд цæрæн бæстыхаймæ бахауд. Фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæй бирæтæ сты сывæллæттæ. Æбæрæгæй сæфт сты 20 адæймаджы бæрц. Ацы рæстæгмæ бынатыл ирвæзынгæнæн операци цæуы.
Уымæй уæлдай ма, Израилы горæт Тамрайы Ираны бырсты фæстиуæгæн амæттæгты нымæц сырæзт 4-мæ.Иран хъусын кæны, цæмæй Израилмæ фæстаг бырстыты ног хуызы баллистикон ракетæйæ спайда кодтой.
Æнæхъæнæй фæстаг 24 сахаты мидæг Израилмæ Ираны бабырстыты фæстиуæгæн аст адæймаг фæмард æмæ 200-йæ фылдæр фæцæф ис.